Тонино Пицулла – Украина æмæ Молдовæйæн кандидаты статусы рæттын æмæ Гуырдзыстоны Европаг перспективæ банымад у фидар политикон фарсхæцыны миниуæг

10:02, 23.11.2022

Евроцæдисы  Советы бадзырд Украина æмæ Молдовæйæн кандидаты статус  раттыны фæдыл æмæ Гуырдзыстоны Европаг  перспективæйы банымад  у  фидар политикон   фарсхæцыны миниуæг, –  уый фæдыл европарламенты  дзырдæй ралæуды рæстæджы  Евродепутат Тонино Пицулла  райхъусын кодта, кæцы у æмраныхас гæнæг  Евроцæдисы ауæрæхы  ног стратегийы  фарстайы фæдыл.

Тонино Пицулла  йæ ралæуды куыд банысан кодта афтæмæй,   алкæцы бæстæйæн  аргъ скæнын хъæуы  йæ сгуыхтдзинадмæ гæсгæ.

«Евроцдæисы Советы  бадзырд Украина æмæ Молдовæйæн  кандидаты статус  раттыны  фæдыл æмæ  Гуырдзыстоны  европаг   перспективæ у фидар политикон фарсхæцыны  миниуæг.  Уыцы уынффæйæ  Евроцæдисы  ауæрæхы  политикæ  официалонæй   ауæрæхдæри  Хурыскæсæн партнерады бæстæтыл.  Уый тыххæй  нæ мид администрацион структурæтæ  æмæ  æддагон  финансон инструментты  коррекци скæнын  хъæуы. Алкæцы бæстæйæн аргъ скæнын хъæуы  йæ сгуыхтдзинадмæ æмбæлгæйæ.  Евроцæдис хъуамæ  рахиза  ауæрæхы фæдыл къуымæй, кæцы хъуамæ  бантыса  уæнгсуæвыны процессы, куыд политикон нысаны, афтæ  методологийы модернизацийы фæрцы.  Уый тыххæй та нæ хъæуы,   Евроцæдисы ауæрæхы ног стратеги, кæцыйы дырыс  фыст уыдзæн  политикон рардтæ, уагъд уыдзæн  хъæугæ æмæ  афойнадон   институцион  реформæтæ.  Закъоны  сæйрагдзинад   хъуамæ  уа  процессы  централон хай.   Мах  стратегионæй хъуамæ спайда кæнæм  нысанон,  домæнтыл  бындурæвæрд, дирис  ориентиртæй. Уый нысан кæны  реформæтæ  афоныл баахъаз кæнын, регрессыл  æмæ прогреммы  иудадзыг цъухдзинадыл афойнадон реагиркæнынад. Ацы контексты хъуамæ бахахх кæнæм  уæнгсуæвыны  процессы  баст бæстæты æмбæлондзинад  Евроцæдисы æддæгон æмæ æдасдзинады политикæимæ.  Евроцæдисы уæнгдзинад,  æрмæст  евроцæдисы финансон   фондтæй æмæ транспортон кæлидортæй бирæ фылдæр нысан кæны.  Сегасдæр сæйраг у, цæмæй  уый у  хæзнаты æмæ  принципты  иудзинад, кæцытæ дæ зæрдыл хъуамæ дарай æмæ сын цыт кæна», – банысан кодта раныхасгæнæг.

Европарламенты  уагъд абоны рабадтыл Евроцæдисы ауæрæхы ног стратеги æркастысты.

Хуыздæр