Тоиво  Клаар – Евроцæдисы  уырнæг стæм, цæмæй Женевæйы  бадзырдты формат  хъуамæ  бахъахъхъæнæм  æмæ ма фесафæм
Тоиво Клаар – Евроцæдисы уырнæг стæм, цæмæй Женевæйы бадзырдты формат хъуамæ бахъахъхъæнæм æмæ ма фесафæм

Евроцæдисы  нæ алкæй  уырны,  цæмæй Женевæйы    бадзырдты  формат   хъуамæ  бахъахъхъæнæм  æмæ  ма фесафæм, –  уый фæдыл  Хуссар Кавказы Евроцæдисы  специалон   минæвар æмæ Женевæйы  бадзырдты  æмсæрдар  Тоиво Клаар банысан кодта.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ Женевæйы  бадзырдты формат   Украинайы   хæст куы ис  ахæм рæстæджы  сæрмагондæй  нысаниуæгджын у.

«Женевæйы бадзырдтæ  сты уникалон формат.  Бирæ  ахæм формат нын нæй  ахæм вазыгджын рæстæджы, Украинайы   хæст куы цæуы.   Евроцæдисы нæ алкæй уырны, цæмæй  ацы формат  хъуамæ  бахъахъхъæнæм æмæ ма фесафæм. Ацы   цæстæнгасимæ у разы  алы  æмсæрдар æмæ хайадисæг. Женевæйы растдæр ацы хъуыдимæ æрцæуæм, цæмæй ахæм рæстæджы  сæрмагондæй   нысаниуæгджын у ма фесафæм  коммуникацийы  каналтæ. Уырны мæ,  цæмæй ныр сегасдæр нысаниуæгджын у  уыцы факт, цæмæй ацы дискусситæ  ис, кæцытæ  регуляронæй   цæуынц, æмæ нын кæцытæ  дæттынц  фадат  баивæм  позицитæ  æмæ  хъуыдытæ,  аргъ скæнæм ситуацийæн.  Фæсæттæнн фæстиуджытæ æнхъæлц  ацы эатпмæ  æвæццæгæн  раст  нысан нæ уыдзæн, куыд  загътон  афтæмæй, нысаниуæгджын у йæхæдæг уыцы  факт, ома  ам стæм æмæ  фембæлды фадат  нæм ис», – райхъусын кодта Тоиво Клаар.