Тинатин Бердзенишвили – Нуца Бузаладейы рацыд æмæ финалмæ ахызт нын ноджы иу хатт равдыста, цæмæй Гуырдзыстон уыдис, ныр дæр у, æмæ фидæны дæр уыдзн Европаг бинонты аккаг уæнг
Бирæ европаг бæстæ рахæцыд йæ фарс Гуырдзыстонæн Евроуынынадыл, бацыдыстæм дæсоймæ, кæцы у стыр æнтыст – уый фæдл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон дирктор Тинатин Бердзенишвили райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ, Гуырдзыстон æрдæгфиналы фидар бæстæтимæ иумæ уыд æмæ финалмæ аизын у стыр уæлахидзинад.
«Тынг эмоцион изæр у, уымæн æмæ Гуырдзыстон авд азы фæстæ фыццаг хатт бахауд финалмæ, уæлдайдæр, системæ куы фæивдта, жюри нал хъæлæс кæны финалисттæн, æрмæст смс-тæй ис гæнæн, хайадисæг ахиза финалмæ. Федтам, цæмæй бирæ европаг бæстæ рахæцыд йæ фарс Гуырдзыстонæн æмæ тынг фидар бæстæты æхсæн фæуæлахиз стæм. Бахаудыстæм дæсоймæ, кæцы стыр уæлахиздинад у. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Нуцайы рацыд æмæ æмæ финалмæ ахызт, нын ноджы иу хатт равдыста цæмæй Гуырдзыстон уыдис, нырдæр у æмæ фидæны дæр уыдзæн Европаг бинонты уæнг» -райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.
Гуырдзыстоны минæвар Нуца Бузаладзе Евроуынынады финалмæ ахызт. Евроуынынад 2024-ы дыккæ æрдæгфинал 9 майы ацыд.