Тинатин Бердзенишвили фембæлдис OSCE/ODIHR-ы миссийы къухдариуæггæнæгимæ
Æхсæнадон Уацхæссæджы менеджменты æмæ OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг миссийы минæвæртты æхсæн фембæлд ацыд.
Фембæлдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили, ног æмæ цæугæ фæзындты блокы директор Гиоргир Гвимрадзе, OSCE/ODIHR-ы миссийы къухдариуæггæнæг Альберт Йонсон æмæ медийы аналитик Джованна Майола уыдысты.
Фембæлды темæ уыд разæвзарæнон медиа уавæр, æвзæрстыты срухс кæнын æмæ архайæг закъондæттæг регуляцитæ.
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы нысан у, 2021 азы бынæттон хæдуынаффæйы разæвзарæнон кампани æмæ æвзарæнон процесс срухс уа балансгондæй æмæ оюъективонæй, алы æхсæнадæмон стандарттæм æмæ уыцы аргъдзинæдтæм æмбæлгæйæ, кæцытæ ис Æхсæнадон Уацхæссæгмæ. Афтæма Æхсæнадон Уацхæссæг уадзы 2021 азы бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстыты срухс кæныны мид-мониторинг.