Тинатин Бердзенишвили – Арфæ кæнын æнæхъæн бæстæйæн радиойы гуырæнбоны цытæн, хъусджытæн мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй нæ радиойæн цы позитивондзинад ис, уымæй разæнгард уой æмæ интеллектуалон, арф программæтæй райсой æхцондзинад

Абон Гуырдзыстоны радиойыл сæххæст ис 101. Арфæ кæнын æнæхъæн бæстæйæн Гуырдзыстоны радиойы гуырæнбоны цытæн æмæ мæ зæрдæ зæгъы радиохъусджытæн райдайой уыцы позитивондзинадæй, кæцы нæ радиойæн ис, æхцондзинад райсой цымыдисон, интеллектуалон, арф радиоалæвæрдæй – расидтис Гуырдзыстоны æхсæнадон уацхæссæгы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.

Тинатин Бердзенишвили куыд банысан кодта афтæмæй, абоны онг Гуырдызстоны радио хъусджыты алкæмæй бæрзонддæр æууæнкдзинадæй пайда кæны æмæ æрвылбон дæтты æндæр æмæ æндæр, цымыдисон алæвæрдтæ.

«Мах сæрыстырæй сбæрæг кодтам фарон радиойы 100 азы юбилей, уымæн æмæ уый канд радиойы гуырæнбон нæу, фæлæ ма нæ бæстæйы фыццаг эфиры райдайæн дæр.Уæлдай сæрыстырдæр у, нæ радио ацы фæндагыл афтæ зындгондæй кæй ахызт, уый.

Абоны онг нæ радиойæн хъусджыты сеппæтæй бæрзонддæр æууæнк ис, уый у иунæг ныхасы радио, кæцы æнахуыр музыкæйæ дарддæр æрвылбон хъусджытæн æндæр æмæ æндæр, цымыдисон алæвæрдтæ дæтты æмæ æнæхъæн Гуырдзыстоны 100 процент ахсы.