Тинатин Бердзенишвили – Абон хъуамæ уынæм кæм уыдзыстæм сом, науæд та медийы трансформаци æнæнтыст уыдзæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили,Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы медиа-саммитыл дзырдæй ралæууыд. Мадзалæн 23-24 майы Турчы, Стамбулы телекомпани TRT фысым кæны.
Тинатин Бердзенишвили дигиталон трансформацийы райрæзты фæдыл фæныхас кодта, афтæма европаг коллегæтæн фæлтæрддзинад фæхай кодта Æхсæнадон Уацхæссæджы ног бæстыхаймæ ахизыны процессыл æмæ дигиталон расидтыл. Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон директоримæ иумæ, панелы хайад райстой Европæйы æндæр æмæ æндæр бæстæты Æхсæнадон Уацхæссджыты минæвæрттæ, сæ нымæцы уыдысты «ВВС» технологиты къухдариуæггæнæг, Турчы Æхсæнадон Уацхæссæджы TRT цифрон медийы директор æмæ афтæдæр Австралийы Уацхæссæгон Корпорацийы АВС-ы бынæттон æмæ регионон уацхæссынады директор.
«Трансформаци у тырнынад, кæцы фидæны медийы райрæзты æмæ позиционир кæныны фадат дæтты. Дигиталон сферæты процесстæ тынг цырд рæзынц, уымæ æмбæлгæйæ дæр, ам рæстæг иттæг нысаниуæгджын барæн у. Абон хъуамæ уынæм, кæм уыдзыстæм сом, науæд та медийы трансформаци æнæнтыст уыдзæн, уый та æнæмæнгхъæугæ домæн у, уымæн æмæ цифрон эрæйæн бынтон ног сидтытæ ис» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор Тинатин Бердзенишвили.
EBU – ы медиа саммит æмæ ассамблейтæ сты уникалон фадат, Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы акæнæг медиа-лидертæ кæрæдзийæн фæхай кæной фæлтæрддзинад. Ацы дыууæ азы дæргъы пандемийы тыххæй ай комкоммæ куысты фыццаг фадат у.