Тина Бокучава хъусын кæны, цæмæй Ани Цъитлидземæ æмæ «Наионалон Змæлды»  фæсивæдон организацийы уæнгтæм Зугдиды  ныббырстой
Тина Бокучава хъусын кæны, цæмæй Ани Цъитлидземæ æмæ «Наионалон Змæлды» фæсивæдон организацийы уæнгтæм Зугдиды ныббырстой

«Иугонд Националон Змæлды» сæрдар Тина Бокучава  хъусын кæны, цæмæй  Зугдиды  разæвзарæнон  кампанийы фæлгæтты  æвзæрстгæнджытимæ фембæлды рæстæджы  «Националон Змæлды»   парламенты уæнг, Ани Цъитлидзе æмæ партийы   фæсивæдон органищацийы  уæнгтæм балæбурдтой.

Афтæма  йæ дзырдæй,  бырсты, «Картули Оцнебайы»  æмкусæг  Теона Кардава  иста хайад, æромæст  барамындтæ  дæттой «Картули Оцнебайы» уæнг   Гиа Салиа, сакребулойы   уæнг  Тазо Пацациа æмæ семæ  баст  уæнг – Дима  Гогохиа.

«Æвдисæнты  бæлвырдмæ гæсгæйæ,  бырсджытæ  уыдысты  наркотикон   буарады  уæлæндæвды  бын.   «Националон Змæлды»  уæнгтæм уæд балæбурдтой, уыдон  Зугдиды  разæвзарæнон кампанийы  фæлгæтты  æмбæстæгтимæ  куы æмбæлдысты æмæ   уæрстой   Гуырдзыстоны   Евроцæдисы  паспорттæ, кæцыйы мидæг фыст ис  конкретон дзæбæхдзинæдтæ, кæцыйы  Гуырзыстоны æмбæстæгтæ  райсдзысты   хицауады ивды фæстæ.  «Оцнебайы»  хицауады баззайыны  цауы  та, Гуырдзыстонæн  æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  фæурæды  азар æртхъирæн кæны», –  баынсан кодта Бокучава.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ 12 азы хицауады  уæвæг политикон тых, кæцы  æвзæрстыты агъоммæ  сæйраг  ныфсæвæрдæй  оппозицийы  скуынæг кæныны  дзырд дæтты  æмбæстæгтæн,  знагæй хатыр ракурын  æмæ оппозицийы, уый нымæцы  сылгоймæгты  физиконæй æфхæры,  ныридæгæн  саст у.