Тина Бокучава – 20 боны баззад уæлахиздзинады онг, президент Саакашвилийы ссæрибар кæнынмæ, 26 октябры Мишайы иумæ ссæрибар кæндзыстæм
«Иудзинад – Националон Змæлды» сæрдар Тина Бокучава, «Иудэинады» лидертимæ иумæ, Марнеулы, хъæу Агъмамедлойы æвзарæнон кампанийы фæлгæтты цæрджытимæ фембæлдис.
Тина Бокучава æвзарæнон фембæлдыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, зæгъгæ уæлахиздзинад тынг хæстæг у.
«20 бон ма баззадис уæлахиздзинады онг, 20 бон баззад президент Саакашвилийы ссæрибар кæныны онг. 26 октябры Мишайы иумæ ссæрибар кæндзыстæм. 20 боны баззадис, цæмæй нæ бæстæ, кæцыйы Иванишвили æхсæнадæмон изоляйцийы бакодта, фæстæмæ раздахæм Европæйы фæндагмæ. Фæцæуæм Европæйы æрдæм, уымæн æмæ уым ис бæрзонд мыздтæ, бæрзонд пенситæ, нæ хъæбултæн хуыздæр ахуырад, нæ ныййарджытæн хъуыздæр æнæнизхъахъхъæд, уый хъæуы мах нæ бæстæйæн, æмæ иудзинадæй, 5 номыримæ, æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзыстæм.
О, раст 5 номыр фæуæлахиз уыдзæн Марнеулы, Квемо Картлийы, Мидæг Картлийы, алкуыран фæуæлахиз уыдзæн 5 номыр. Растдæр 5 у уæлахиздинады номыр. 5 номыр у сæйраг дæгъæл Иванишвилийы Феддæдуар кæнынæн, кæцы нæ бæстæйæн æрхаста мæгуырдзинад, æгуыстдзинад, æхсæнадæмон изоляци, тыхыбын эмиграци. Иванишвили ацы бæстæйæн баныфсвæрдта бирæ социалон пайда, фæлæ федтат, цæмæй пайда уый адæмæн нæ фæлæ, æрмæст йæхи дзыппæн æрхаста. 26 октябрмæ уыдзæн экономикæ, кæцы кусдзæн адæмæн, Иванишвилийæн нæй. Иудзинадæй фæуæлахиз уыдзыстæм, ис нæм уæ ныфс æмæ сымахмæ дæр уæд нæ ныфс. 26 октябры æрхæсдзыстæм стыр уæлахиздзинад æмæ ссæрибар кæндзыстæм президент Саакашвилийы», – райхъусын кодта Тина Бокучава.