Тибеты зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 95 онг сырæзт, 130 та цæф сты
Тибеты зæххæнкъуысты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц 95 онг сырæзт. Хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, стихийы фæстиуæг 130 адæймаг фæцæф.
Зæххæнкъуысты эпицентрæй 20 километры радиусы ис æртæ горæт æмæ 27 хъæу, цыран авд мин адæймагмæ æввахс цæры.
АИШ-ы геологон иртасты информацийæ, Тибеты сыгъдæг горæт Шигацейы зæххæнкъуыст уыд 7.1 магнитудæ æмæ расайдта иуæй-иу стырдæр зиæнттæ, кæцытæ Китайы фæстаг азты уыд. Бæллæх ныппырх кодта хæдзæрттæ æмæ бæстыхæйттæ. Зæххæнкъуысты фæстиуæгæн бахъыгдард сты 1000 бæстыхайæ фылдæр.
Китайы метеорологион администрацийы информацийæ, зæххæнкъуысты эпицентрмæ ‘ввахс Тингрийы округы температурæ минус аст градусы онг у æмæ абон изæр минус 18 онг æрхаудзæн. Районы хъыгдард сты куыд электрон тых, афтæ дон дæр. Китайы уæлдæфон тыхтæ зианбаййафæг районы ирвæзынгæнæн операцитæ райдыдтой.
Зæххæнкъуыстытæ арæх вæййынц регионы, кæцы ис стыр геологон хаххыл. Шигаце нымад у Тибеты сыгъдæгдæр горæттæй иуыл. Уый у тибетаг буддизмы сæйраг архайæг Панчен-ламæйы традицион бадæн, кæцы монон бартæй дыккаг у Далай-ламæйы фæстæ.