The Times – Кремль  æнæмбаргæ уавæры ис, Трамп,  Уæрæсеимæ дывæр хъазт уадзы 
The Times – Кремль  æнæмбаргæ уавæры ис, Трамп,  Уæрæсеимæ дывæр хъазт уадзы 

Кремль  æнæмбаргæ уавæры ис, Трамп,  Уæрæсеимæ дывæр хъазт уадзы – уый фæдыл «The Times» æрмæг публикаци кæны.

Рауагъд куыд фыссы афтæмæй,  Мæскуыйы   нырма дæр нæ бамбæрстой – хъуамæ цин кæной, æви тыхстгонд уой Дональд Трампы  политикæйæ.

«The Times» -ы статьямæ гæсгæ, Уæрæсе, АИШ æмæ Украинайы æхсæн Иугонд Араббаг Эмиратты бадзырдтæ бæлвырдгонд фæстиуджытæ нырма не æрхастой, фæлæ  бæрæг у, цæмæй Мæскуы,  АИШ-ы президенты  æндæвдады бын ис.

Рауагъдад фыссы, цæмæй зындгонд хъуыды, ома  Кремлæн,  Трамп у потенциалон æмцæдисон,  афтæ дæр æнæбæлвырд у.

Медийы хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, Дональд Трампы бæрæг симпатимæ æнæкæсгæйæ, АИШ-ы президенты   тырнындзинад нефты æргътæ фæкъаддæр кæнынмæ,  зианхæссæг у Кремлæн.