The Times – Киевы Уæрæсейы 400-йæ  фылдæр æххуырст  хæцæг архайы, кæцытæм Кремлæй президент Зеленскийы  æмæ  йæ  хицауады  уæнгты  амарыны  бардзырд ис
The Times – Киевы Уæрæсейы 400-йæ фылдæр æххуырст хæцæг архайы, кæцытæм Кремлæй президент Зеленскийы æмæ йæ хицауады уæнгты амарыны бардзырд ис

Киевы  Уæрæсейы  400-йæ  фылдæр æххуырс  хæцæг  архайы,  кæцытæм Кремлæй президент Зеленскийы  æмæ  йæ  хицауады  уæнгты  амарыны  бардзырд ис.  Æмбæлгæ информаци хъусын кæны рауагъдад  «Таймс».

Сæрмагондæй та,  бритайнаг  медиафæрæз  куыд   банысан кодта, афтмæй,   дзырдæуы  хицæн  æфсæддон компани  «Вагнеры къорды»  хæцджытыл, кæцытæ  фондз мæйы  размæ  ныццыдысты Африкæйæ  солидон   финансон бонусы ныфсæй, Зеленскийы  хицауады  ныццæгъдыны   миссийæ.  Сæ рард у  Киевы Мæскуымæ  адæттынæн,  бындур бацæттæ кæнын.

Рауагъдад «Таймсы» бæлвырдмæ гæсгæйæ,    æххуырст хæцджыты миссийы  фæдыл информаци, Украинайы  хицауад   сабаты  сæумæрайсом  райста, цæй фæстæ дæр Киевы æрбайстæуыд  36  сахатон  карз  коменданты  сахат,  горæт, уырыссаг диверсанттæй  ныссыгъдæг кæныны нысанæн.