The Daily Mail – Британийы медицинон фæлварæнты ныффыстытæ кæцы хакертæ адавдтой, уыдон Гуырдзыстонæй архайдтой æмæ баст сты Уæрæсейы æдасдзинады куыстимæ
Хакертæ, кæцытæ Британийы медицинон фæлварæнты ныффыстытæ адавдтой, базиргонд сты Гуырдзыстоны æмæ Уæрæсейы æдасдзинады тыхтимæ сты баст. Уый фæдыл информацийы бритайнаг рауагъдад «Daily Mail» сæрмагонд ратæдзæныл æнцойæ хъусын кæны.
Рауагдад фыссы, цæмæй Уæрæсесимæ æмæ Иранимæ баст хакертæ коронаивирусимæ тохгæнæг институтты бæрæгннæты базæтæмæ баирвæзтысты æмæ информаци адавдтой. Сæ нымæцы сты университеттæ æмæ иртасæн лабораторитæ.
Британйнаг рауагъдмæ гæсгæйæ, хакерты хай Гуырдзыстоны территорийæ архайдта æмæ ацы къорд Кремлимæ у баст зæгъгæ. Давд информаци у Британийы мингай æмбæстагы фæдыл, кæцытæ коронавирусы ныхмæ хосы æмæ вакцинæйы медицинон фæлварыны исынц хайад.
Ныгуылæн Лондоны «Хаммерсмиты медицинон иртасыны» клиникон уагдон (HMR) басастис, цæмæй паспортты, нациналон фæдзæхсыны картæты æмæ визон документацийы хуызæгтæ, афтæдæр пациентты къамтæ, æнæниздзинады фæдыл фæрсæн сыфтæ æмæ медицинон историйы документтæ 14 марты адавдтой.
Лæбурдыл бæрн йæхимæ райста хакерты къорд «мейз» æмæ цалдæр медицинон ныффыст интернеты публикаци скодта. Иуæй-иу равзæрæны информацимæ гæсгæ, бæрæггæнæнты æрыздахыны бæсты, хакерты къорд дыууæ милуан фунт-стерлингы æркуырдта, фæлæ ацы рæстæджы, компанийæн банхъардта «аргъæй фæцухс», кæд уый «Ковид-19»-ы хос ссардзæн уæд.
Бритайнаг медиа фыссы, цæмæй бæстæй æндæр æмæ æндæр уагдæтты ныхмæ, фæстаг къуыриты дæргъы, прецедент цæмæн нæй уый бæрц кибер-лæбурдтæ цæуынц.