Тереза Мей Сирийы ныхмæ реализгонд цæфты фæдыл депутатты фарстатыл ратцæн дзуапп

Тереза Мей Сирийы ныхмæ реализгонд цæфты фæдыл депутатты фарстатыл ратцæн дзуапп

Стыр Британийы премьер-министр Сирийы ныхмæ реализгонд цæфты фæдыл депутатты фарстатыл  абон ратцæн дзуапп. Опозици сиды, цæмæй Мей парламентимæ хъуамæ консультацитæ сыххæст кодтаит цалынмæ АИШ æмæ Францимæ авиацæфтвы æскъуыддзаг райстаит.

Лейбористтæ законы фæкарз курынц, цæмæй фидæны æфсæдтон интервенци æрмæст парламентимæ бадзырды фæстæ сыхæхст уа.

Уæдмæ та Стыр Британийы премьер министр расидтис, цæмæй Сирийыл цæфтæ легалон æмæ рæстадон уыдысты.

Британийы хихъахъæнады министрады раисдæнмæ гæсгæ, бритайнаг авиаци Сирийы аст ракета ауагъта. Сæ нысан уыд провинцийы уæвæг æфсæдтон объекттæ, кæцыйы Асады режим химион хæцæнгарз вæрдта.