Тенгиз Церцвадзе – дыууæ-æртæ къуыримæ гæнæн ис тобæтæ иууылдæр аивдзысты
Тбилисы инфекцион рынчындоны къухдариуæггæнæг Тенгиз Церцвадзе хъусын кæны, ома коменданты сахаты æрдгæй ивддзинæдтыл уынаффæ цæуы æмæ эæпгай аивдзысты æндæр тобæтæ дæр.
Церцвадзе Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы райхъусын кодæ, цæмæй 2-3 къуыримæ зæгъгæ ис гæнæн æндæр тобæтæ аивын.
«Æз мæхæдæг комкоммæ баст нæ дæн координацион советы куысты, кæцы арæнæвæрдтæ аивыныл тæрхон кæны, фæоæ куыд зонын афтæмæй, алы къуырийы цыдæр ног фæрогдæрыл тæрхон кæнынц. Бирæ тобæтæ аивдтой, боны фæткы лæууы ресторанты бизнесы тобæтæ фæрогдæр кæнын; кастæуы сегасдæр риссаг хай – зымæджы сезоны зымæджы курортты сезоны баззайгæ рæстæджы скусын кæнын æмæ коменданты сахаты алæыварс ивдтытæ. нÆ зонын бæлвырдæй кæй фæрогдæр уыдзысты ацы æрдгæй. Ныр хицауады ивдтытæ ис. Нырма нæ зонæм цахæм уыдзæн ног къухдариуæгады позици, цас баæгъд кæндзæн кæнæ æ фæуромдзæн æмæ арæхсгæйæ дæр уыдзæн. Сæйраг у цæрджытæ нын баххуыс кæной, цæмæй не стыр æнтыст ома 3%-æй дæлдæр æрхызтис инфицирады бæрæггæнæн, уый ма фесафæм, æндæра тобæтæ аивд райдыдæ æмæ 2-3 къуыримæ гæнæн ис æнæхъæнæй аивд æрцæуа арæнæвæрдтæ иууылдæр. Сæйраг у уый, цæмæй фæстæмæ æрыздæхын, æмæ ног тобæтæ æрбасын нæ ма бахъæуа. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм æмæ сæ æххæст кæнæм превентивон мадзæлттæ – маскæ барын, социалон дисæнци хъахъæнын æмæ къухты гигиенæ. Уыцы мадзæлттæ иу минут дæр ма хъуамæ рох кæнæм» – хъусынк æны Тенгиз Церцвадзе.