Темур Мгъебришвили – стихийы эпицентры территорийы сгæрст, фактонæй фæцис, сæумæрайсомæй активонæй райдыдтам цæугæдон донвæдмæ уæззау техникæйы баконд æмæ агурæн куыстыты ауæрæх
Мидхъуыддæгты министрады уæлвæтк уавæрты куысты хистæр, Темур Мгъебришвилийы фидиуæнæй, стихийы эпицентрæй 25 км дæрццæг ирвæзынгæнджытæ æнхъæлцау нæлгоймагы мардыбуар ссардтой, кæцыйы Кутаисы Самхараулийы экспертизæйы бюромæ аластой.
Афтæма йæ дзырдæй, стихийы эпицентры, фактонæй фæцис территорийы сгæрст.
«Сæумæрайсомæй активонæй райдыдтам цæугæдоны донвæды уæззау техникæйы баконд æмæ агурæн куыстыты уæрæхдæр кæнын. Æрдæг сахаты размæ патрулон мониторнгы æстæм секторы, уый у 25 км стихийы эпицентрæй, ссардæуы мардыбуар, кæцыйы ирвæзынгæнджытæ цæугæдонæй систой æмæ йæ прозектурæмæ аластой. Уый нæу æнахъом, æнхъæлцау у æххæстаздзыд нæлгоймаг. Кутаисы Самхараулийы экспертизæйы бюромæ йæ аластой. Ацы этапыл цæугæдоны донвæды максималон куыст кæнæм уæззау техникæйæ. Куыд уын загътон, афтæмæй, знон нын мæр ратта фадат бæрæг локацитыл, фæлæ дыууæ метры арфæй дæлдæр ис дон æмæ хъуыды кæнæм, йæ арф кæнæн кæм ис, уым агурæм, ис метр æмæ æрдæг дыууæ метры бæрц. Дзырдæуы донвæды, сур фадгуытыл. Амбролаурийы онг адих кодтам сектортыл, 18 сектор сты æдæппæт, фæлæ техникæйæ куыст цæуы стихийы эпицентрæй километр æмæ æрдæгы периметрыл. Ацы этапыл æртæ мардыбуары идентификаци нæ бантыстис, боны кæронмæ æнхъæлмæ кæсæм уæлæмхас информацимæ», – райхъусын кодта Темур Мгъебришвили.
Фæстаг бæрæггæнæнтæй стихийы зонæйы 27 æмбæстагы мардыбуар ссардæуыд, æхсæз адæймагы та ацы рæстæгмæ агурынц.