Темур Мгъебришвили – алы амæлттæй архайдтам, ницæуыл ауæрдгæйæ, удæгас тыхæй, специалон ифтонггæрзтæй, техникæйæ, стихийы зонæйы хъæугæйæ ма ноджы фылдæр тыхтæ сты мобилизацигонд
Уæлвæтк уавæрты куысты хистæр Темур Мгъеюришвилийы фидиуæнæй, Шовы стихийы зонæйы куыстыты баст у алы хуызы тыхтæ, архайынц æндæр æмæ æндæр ресурстæй æмæ фыццаг этапæй цæй саразын уыдис гæнæн, алцыппæт сырæзтис.
Мгъебришвили райхæлдта, цæмæн нæ бантыстис стихийы зонæмæ хæрдмæтæхæг Кутаисæй арвитын.
«Алы амæлттæй архайдтам æмæ уый хронологионæй равдисын у мæ бон. Æртæ хæрдмæтæхæг уыд мобилизацигонд, иу Кутаисæй, дыууæ Тбилисæй,к æцытæ цæттæ уыдысты æнæаргъæвгæйæ ратæхынмæ. Метеорологион уавæрты тыххæй Кутаисæй хæрдмæтæхæгæн стæхын нæ бантыст, параллелонæй Тбилисæй æрцыдыстæм хæрдмæтæхджтæй. Фыццаг куы æртахтис, дыууæ тоннæ специалон ифтонггæрзтæ æрластам, кæцы æнæмæнгхъæугæ у ахæм инцидентты рæстæджыю адæймагон, удæгас тыхæй, специалон ифтонггæрзтæй, транспортон фæрæзтæй, специалон транспортон техникæйæ – гæнæн ис хъæугæйæ бирæ фылдæр тых у мобилизацигонд» – райхъусын кодта Мгъебришвили.
Уыимæ Темур Мгъебришвилийы фидиуæнæй, хæрдмæтæхæджы æхсæвыгомау кусын баст уыдис рискимæ æмæ нæдæр æнæмæнгъхъæуындзинад уыдис, уымæн æмæ хъæды массивы уыдис удæгас тых.
«Разы стæм цæмæй æхсæвы тæхын сын зын у, цыфæды ифтонггонд уыдаит хæрдмæтæхæг, уый æнæмæнгхъæуындзинад нæ лæууыд. Æмæ хъæугæ дæр куы уыдаит, уæд æгæр стыр риск уыдис, фæлæ бахъуаджы цауы æвæццæгæн рискмæ цæттæ уыдыстæм æмæ бацархайдтаиккам. Бнатыл мобилизацигонд уыд æмбæлгæ хъармбæрæггæнæг дронтæ, кæцытæ æнцонæй фиксир кодтой азары ареал. Афтæма хъæды массивы уыдис удæгас тыхтæ. Тынг вазыгджын рельеф у, къæдзæхы æмæ хæхты массив æмæ параллелонæй, бæрзонд тынгады электроадæттæн мæсгуытæ. Дронты фæрцы ссардтам уыцы локациитæ, цы ран адæймæгтæ æдасæй уыдысты. Дзæбæх зонут, æнамонддзинад куы æрцыд æмæ адæймæгтæ амардысты, уый фæстæ иу адæймаг дæр нал базщиан ис. Нал нын фæфылдæр сты нæдæр фæмардуæвджытæ æмæ ндæрæ цæфтæ, уый у сегасдæр нысаниуæгджын» – загхта Мгъебришвили.
Темур Мгъебришвилийы дзырдæй, зынвадат рельефы тыххæй, рагафон прогноз саразын гæнæн нæй, цас рæстæджы бантысдзæни территорийы сбæрæг кæнын.
«Тынг зынвадат масса у грунты. Уый цавæрдæр тæнгъæд массæ нæу, ам ис стыр тыгуылдуртæ, хъæды массæ, кцы цъыфы бын фæцуис æмæ уый æппæтыл кусæм ацытæккæ» – райхъусын кодта Темур Мгъебришвили.