Телеуацхæссынады 65  азы  юбилеймæ гæсгæ, Фыццаг Каналы постон маркæйы презентаци ацыд
Телеуацхæссынады 65 азы юбилеймæ гæсгæ, Фыццаг Каналы постон маркæйы презентаци ацыд

«Гуырдзыстоны пост»  телеуацхæссынады 65  азы юбилеймæ  гæсгæ Фыццаг Каналы  маркæйы  презентаци  ауагъдта.

Маркæйы  эскизыл  «Гуырдзыстоны Пост» æмæ Фыццаг Канал  иумæйагæй  фæкуыстой.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  генералон  директоры  Тинатин Бердзенишвилийы  фидиуæнæй,   постон маркæ  æвдисы  Гуырдзыстоны телеуацхæссынады  истори.

«Телеуацхæссынады 65  азы  юбилеймæ  гæсгæ,   «Гуырдзыстоны постимæ» æмкустгæнгæйæ  рауагъдта  Фыццаг Каналы  маркæ, кæцы дзæбæх æвдисы  Гуырдзыстоны  телеуацхæссынады   истори. Нысаниуæгджын бон у махæн, фæлæ   тынг  æнкъард, цытджын Лия Микадзе  йæ  цардæй ахицæн ис.  Фыццаг сылгоймаг  телеакæнæг, кæцы растдæр  телеуынынадон   мæсыкы  фыццаг студийæ  иу радæтта  ног хабæрттæ. Постон марæйыл раст  ацы мæсыны  иллюстрацитæ  ис.  Йæ сгуыхтдзинад стыр  у, цытджын Лияйы   алчи тынг уарзта, æмæ телеуынынад,  зæронд æмæ ног кусджытимæ,  йæ мæлæтыл  тынг  хъынцъым  кæнынц.

Ацы боны тыххæй,  фæстæмæ  телеуынынады  æмæ растдæр  уыцы 65 азы   историйы  алыварс   зилдзыстæм, кæцы  у эпохæ  æмæ   нæ  бæстæйы  мысæн. Рауагъдтам маркæ, кæцы æвдисы  фыццаг телеуацхæссынад. 100 азы æххæст кæны   радиойыл æмæ  нæ  месидж у  ахæм, ома Гуырдзыстоны  кæнæ Гуырдзыстоны  алы æрвитæггаг уа  æвæрццаг,  тынг    позитивонæй  æфсæст», –  банысан кодта  Тинатин Бердзенишвили.

2022  азы  Гуырдзыстоны фыццаг телеуацхæссынад райдаынæй, 65 азы  сыххæст, уым æмбæлгæйæ дæр, Æхсæнадон  Уацхæссæгæн афæдзы дæргъы бирæ æндæр æмæ æндæр типы  активондзинад уыд плангонд, уый нымæцы  «Гуырдзыстоны Постимæ»  æмкуыстгæнгæйæ уагъд уыд  Фыццаг Каналы маркæ. Маркæ  нырид  зилдухы ис æмæ  кæй  фæнды  уыдонæн йæ балхæнын  сæ бон у «Гуырдзыстоны Посты»  кæцыфæнды филиалы.

б