Техасы штаты торнадойы фæстиуæгæн дыууæ сывæллон фæмард
Техасы штаты торнадойы фæстиуæгæн дыууæ сывæллон фæмард

Техасы  штаты   скæсæн  хайыл йæхи  ныццавдта  торнадо.  «Сиэнэны» хъусинагæй,  сахар Франклины  фæхъуыд  дыууæ  сывæллон.  Хæдтулгæ,  кæцыйы мидæг  сывæллæттæ  бадтысты бæлас йæ быны фæкодта.фæмардуæвджыты  кар  æртæ æмæ  аст аз у.  Афтæдæр  торнадойы фæстиуæгæн зиæнттæ райстой   авд адæймагæй.

Торнадо афæлдæхта бæлæстæ, базиан кодта  электроадæттæн телтæ æмæ цалдæр  цæрæн хæдзар.  Сахары стихийы фæстиуджыты ликвидацион    куыстытæ  цæуынц.  Сахарты Франклин æмæ Бремондмæ  лæвæрд нæ цæуы электроэнергий.