Тея Цъулукиани – Сæйраг прокуррор нын уыдзæн зæгъæн ис дыууæ мæймæ, консультацитæ ныридæгæн райдыдтам
Абон райдыдтам консультацитæ сæйраг прокуррор равзарынмæ гæсгæ, закъон нæ хæсджын кæны иумæййон процедурæ ауадзын консультацитæн – уыфй фæдыл райхъусын кодта юстицийы министр Тея Цъулукиани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, консультациты фæстиуæгæн æвзæрст æртæ кандидатимæ сырæздзæн ныхас Прокурорты советы.
«Нæ бон у фæнхъæлын, цæмæй дыууæ мæймæ æввахс æмгъуыдмæ нын уыдзæн Сæйраг прокуррор. Процедурæ у дæргъвæтин æмæ комплексон, домы алкæй хайадист процессы. Уый тыххæй дæр спайда кæндзынæн моментæй, æмæ сидын алы академикон зылдтæм, æнæхицауадон сектормæ æмæ сæйраг цы у уый, къабазы специалисттæм, раттæт рекомедаци уыцы кандидатæн, кæцытæ æмбæлон сты закъонæй бæлвырд дæрзæг доментæм, цæмæй нын уа максималон барæвзар» – райхъусын кодта юстицийы министр.