Тея Цъулукиани – оппозицийы баиу кæнынæй ницы ивы «Картули Оцнебайæн» кæцы 26 октябры уæлахиздзинадмæ цæттæ кæны йæхи
Оппозицийы баиу кæнынæй практиконæй ницы ивы «Картули Оцнебайæн», кæцы 26 октябрмæ уæлахиздзинадмæ цæттæ кæны йæхи. Иугонды кæнæ иугæндты авторитетсæфт тыхтæ сты, – уый фæдыл вице-премьер культур æмæ спорты министр Тея Цулукиани райхъусын кодта.
Цъулукианийы дзырдæй, «Картули Оцнеба» дарддæр кæны мобилизацидзинад æмæ æвзæрстгæнджытимæ кусын.
«Уынæм, цæмæй иугонды кæнæ иугæндты сты авторитетсæфт тыхтæ, кæцыты баиу кæнынæй исты типы авторитетон иугонд нæ рацæузæн. Дыккагы æрдгæй, уый сæхи уынаффæ у, ацы уынаффæты хæдбар, уæгъдибар сты æмæ æм ныфс ис, цæмæй бæрæг бенефит æви пайда сын æрхæсдзæн. Мах дарддæр кæнæм мобилизацидзинад, кусын сæрмагонд æвзæрстгæнджытимæ.
Диссаг нæу уый дæр æмæ нын ис дыккаг тохы фронт, æнæрмæст æвзарæнон, фæлæ ма иннæ æнæкъаддæр нысаниуæгджын, кæцы йæ хъуыдыйы дары æвзæрстыты онг æмæ æвзæрстыты бон, æвзæрстыты фæстæ сабырдзинад сифтонг кæнын, цæмæй сæрибар, демократон процессты фæстиуæгæн ист æвзæрстыты фæстиуджытæ æмæлгæйæ æрцæуой фидаргонд, Гуырдзыстон адарддæр кæна стабилон, сабыр уавæрты цæрын», – райхъусын кодта Цъулукиани.