Тея Цъулукиани –Ныфс мæ ис æмбæстагдзинады раттынмæ гæсгæ президент ивгъуыд азы политикæ нал адарддæр кæндзæн
Юстицийы министр Тея Цъулукианийы фидиуæнæй, 2017 азы дæргъы, сервисты райтынгы агентады æфтауцæй хатдзæгмæ æнæкæсгæ, Гуырдзыстоны президент 565 уæнгæн Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад раттыныл нæзагъд ракодта. Цъулукиани уый фæдыл абон юстицийы министрады уагъд брифингыл загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ 565 уæнгæй 89% Гуырдзыстоны раздæры æмбæстæгтæ, Гуырдзыстоны гуырд кæнæ сæ бинонты уæнгтæ сты.
«Ахæм политикæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ ныхмæ цæуы конституцийы аргъдзинадæн, кæцымæ гæсгнæ дæр Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад хицæн цауты лæвæрд цæуы уыцы адæмæн, кæцыты æрдæм фæбæрæг вæййы паддзахадон интерес.
Мах раджы дæр æмæ ныр хъæудыы кæнæм цæмæй Гуырдзыстоны раздæры æмбæстагæн, Гуырдзыстоны гуырд уæнгæн, Гуырдзыстоны æмбæстагы бинонты уæнгæн, Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады раттын æмбæлы паддзахадон интересмæ, уымæн æмæ адæймæгтæ хæсты рæстæджы, экономикон мæгуырдзиады кæнæ æндæр зындзинæдты тыххæй рæстæгмæ фæхицæн сты фыдыбæстæйæ æмæ сæ ныр фæнды æрыздæхын. Уыдонæн мах дуар хъуамæ бакæнæм.
Ныфс мæ ис, цæмæй камисы йæхимæ ахæссынæй, Гуырдзыстоны президент ивгъуыд азы цы политикæ уагъдта, уый нал адарддæр кæндзæн æмæ йæ позитивон æмæ рæстаг динамикæйæ фæивдзæн» – банысан кодта юстицийы министр.