Тея Цъулукиани – Мирза Субелианимæ гæсгæ ахæлиугонд ныффыстытыл рафарстытæ знон дæр цыдысты æмæ фæдæвзарæн дарддæр кæны
Мирза Субелианийы тыххæй, ахæлиугонд ныффыстытыл рафарстытæ знон дæр цыдысты æмæ фæдагуырд дарддæр кæны – уый фæдыл юстицийы министр Тея Цъулукиани загъта журналисттæн.
«Кæд сырæзт ацы ныффыст, чий æ сарызта, кæнæ кæд ахæм ныффыст ахæстоны арæзт æрцыд æви нæ, уæ æви нæ автентон, алцыппæт уый фæдыл знон куыд федтат афтæмæй, прокуратурæ ахæлиу кодта фидиуæн. Æртæ боны размæ райдыдта фæдæвзарæн.
Æрмæст уый зæгшъын у мæ бон, цæмæй знон дæр цыдысты æрфарстытæ æмæ фæдæвзарæн дарддæр кæны. Ныфс мæ ис , прокуратурæ æххæст рухсдзыдæй фехъусын кæндзæн дзыллæйæн фæдæвзарæны цыды фæдыл» – райхъусын кодта Тея Цъулукиани.
«Рустави 2» знон аудионыффыст ахæлиу кодта, кæцы телекомпанийы бæлвырдмæ гæсгæйæ, Глданы №8-æм æфхæрдæххæстгæнæн уагдоны Мирза Субелианийы камерæйы ныффыстæуыд.
Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурæйы хъусын кæнынц, цæмæй аудиныффыстыл, кæцыйы æнхъæлцау Мирза Субелиани фигурир кæны, фæдæвзарæн райдыдта 12 октябры. Сæ хъусинагæй фæдæвзарæн цæуы хисæрмагонд цардуагы сусæгдзинады æнæзакононæй самал кæнын æмæ бавæрыны, тыхыбын бакæныны, ахæсты уæвæг уæнгы сæрмагонд ныхасы æнæбаррайсгæйæ ныффыссыны, æнæзакъононæй бавæрыны, æнцонвадатдзинады срæвдз кæныны æмæ кусæн æххæстбарты сæрты ахизыны гæнæн фактыты фæдыл.