Тея Цъулукиани – Мах æвзарæм дипломативон фæндаг, абон архайæг форматы, дæнцæн, Женевæйы бадзырдты адарддæр кæнын нæ приоритет
Формат, кæцы нын абон ис, дæнцæн Женевæйы бадзырдтæ, уый адарддæр кæнын у нæ сæйраг приоритет – загъта Гуырдзыстоны юстицийы министр, Тея Цъулукиани.
«Президент загъта сæйраг цы у уый. Куыддæриддæр уа, æз цы фехъуыстон æмæ мæм ныфс ис, цæмæй алчи иу куырдиатмæ хъуыстам, цæмæй цалдæр фæндаг ис ахæм типы ситуациты архайынæн, уый у хæст уæнæ дипломатий. Мах с ывзæрстам Дипломатийы фæндаг, уыдзæн уый нæхи сæрмагонд тыхтæй, æви æхсæнадæмон партнерты æххуысæй. Уыцы формат кæцы нын абон ис, дæнцæн Женевæйы бадзырдтæ, уый адарддæр кæнын у нæ сæйраг приоритет» – банысан кодта Тея Цъулукиани.
Йæ æмбарынгæнæнмæ гæсгæй, нысаниуæгджын у алы формат, уымæн æмæ оккупацийы уавæрты бирæ проблемæ сæвзæры. Тея Цъулукианийы дзырдæй, ацы тæккæ сегасæй стыр проблемæ у скъæфт дохтыр Важа Гаприндашвилийы хъуыддаг.
Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвили, Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы алæвæрд «Сæрибар Цæстæнгасы» Женевæйы форматы æмæ Уæрæсеимæ ахастыты фарстайыл ныхасы рæстæджы загхта, цæмæй зæгъгæ ницæйаг сты Уæрæсеимæ ахастыты техникон форматтæ, диалог æмæ бадзырдтæ нæ нысан кæнынц уæйлдай уадзын. Президент афтæдæр загъта: «Ныгуылæйнаг партнертæн хъуамæ дзурæм, цæмæй нæ хъæуы Нормандиаг форматы æнгæс форматтæ».