Тея Цъулукиани – Гуырдзыстоны раздæры президенты сраст кæныны процессы иуæй-иу флагман у растдæр нырыккон президент
Дисæфтауæг æмæ нæрайсгæ у, искæцы политикътæ Гуырдзыстоны раздæры президенты сраст кæны куы архайынц уый, æмæ иуæй-иу флагман ац хъуыддаджы у растдæр нырыккон,Гуырдзыстоны архайæг президент – ахæм комментари сарызта фракци «Гуырдзиаг Бæллицы» инициативæйы фæдыл юстицийы министр Тея Цъулукиани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм инициативæтæ ахъаз уыдзысты бæстæйы расты æрдæм райтынгæн.
«Парламентон фылдæрты инициатиæ тынг цымидисон у. Мах йæм нæ хъусдард раздæхдзыстæм цæмæй фидæны мауал сфæлхатт уа, ерын мах цæй æвдисæнтæ стæм уый. Сæрмагондæй та, уынæм, цæмæй Гиргвлианийы хъуыддаг арæх хъавынц фенцондæр кæной. Кæд дзы иуы æрдгæй диссаг нæу уый, æмæ йæхæдæг Саакашвили кæй схуыдта Гиргвлианийы хъуыддаг политикъон циркæй, уæд кæй зæгъын æй хъæуы диссаг æмæ нæрайсгæ у , æмæ æндæр политикътæ, раздæры президенты сраст кæнын куы архайынц уый. Ацы процессы иуæй-иу флагман у Гуырдзыстны нырыккон президент.» 0- хъусын кæны Тея Цъулукиани.
Парламентон фракци «Гуырдзиаг Бæллицц» райдайы кусын ног закъондæттæн пакетыл, кæцыйы Мамука Мдинарадзе схуыдта «Гиргвлианийы хъуыддаджы барастæй».
Маумка Мдинарадзе абоны брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй, «Гуырдзиаг Бæллицц» зæгъгæ, йæхи хæсджыныл нымайы дзыллæйы раз, цæмæй расттæрхон æнææрмæст фæуæлахиз уа Сандройы хъуыддагыл, кæнæ та æндæр аналогион хъуыддæгтыл, фæлæ ма сæвзæрой политикъон æмæ барадон барьертæ, Гиргвлианийы хъуыддаджы рецидивтæй хибахизынæн.