Тея Цъулукиани – цæттæ стæм нæхимæ райсæм «æндæр уагдæтты –президенты администрацийы - кусджыты
Гуырдзыстоны юстицийы министр Тея Цъулукиани æмбæстагдзинады хъуыддæгты камисы бынаты фарсты фæдыл ныхас кæны.
Тея Цъулукиани куыд банысан кодта афтæмæй, бæрæг у цæмæй Гуырдзыстоны президенты галуаны не ссардæуыд фæзуат камисы æхсæз уæнгы рабадтытæн, президент фæивдта йе скуыддзаг æмæ фæстæмæ та сбæлвырд кодта, цæмæй юстицийы министрады системæ хъуамæ уа камисы куысты бынат.
«Гуырдзыстоны президент ивгъуыд азы аскуыддзаг кодта, ома æмбæстагдзинады камисы йæхи дæлбар хъуамæ акæна, сæрдар дæр æмæ сконды фылдæртæ дæр йæ дæлбар хъуамæ уа æмæ юстицийы министрæн ратта æмгъуыд 15 январы онг, цæмæй æмбæлон скæна алы акт æмæ къахдзæф, зæгъæм президенты ацы скуыддзагимæ. Юстицийы министр, ацы цауы æз, алы уыцы къахдзæф сарызтон. Фæлæ æрлæууыд 16 январы сæумæрайсом, æмæ президентмæ ахизгæ камис æмæ йæхæдæг президенты алдминистраци куы бамбæрста, цæмæй камисы сæхимæ ахизын кæнын нысан кæны дыууæ цыдæр: иу уый цæмæй хъуамæ йын уа инфраструктурæ камисы рабадтытæм æмбæлон, æмæ афтæдæр уый цæмæй камис хъуамæ куса. Цыдæриддæр та фыццаг фарстмæ æххæссы, абон куыд фæбæрæг афтæмæй, Гуырдзыстоны президенты галуаны не ссардæуыд камисы æхсæз уæнгæн рабадт кæм саразой ахæм фæзуат æмæ президент фæивдта йæ скуыддзаг æмæ фæстæмæ сбæлвырд кодта, цæмæй камисы куыст бынат хъуамæ уа юстицийы министрады системæ» – банысан кодта Тея Цъулукиани.
Уыйимæ юстицийы министр разагъдта цæттæдзинад, ома «æндæр уагдæтты –президенты администрацийы – кусджыты юстицийы министрад йæхимæ райса æмæ камисмæ фæзына кусыны фадат».
«Цыдæриддæр та дыккаг фарстмæ æххæссы, кæцымæ гæсгæ дæр камис хъуамæ ауадза тестирдзинад, аныхас кæна æмбæстæгтимæ, ам нын стыр æнцойы роль нæ уыдзæн, уымæн æмæ камисы æндæр уагдоны ахæссын нысан кæны уый, цæмæй æндæр уагдоны кусджытæ æмæ сæ къухдариуджытæ хъумæ æцæгæй дæр сæххæст кæной уыцы куыст, кæцыйы ныры онг кодта æххæстгæнæг хицауад. Æз куыд нæ бæстæйы юстицийы министр, ныфсæвæрын, цæмæй ахæм уагæй комплектгонд президенты камис, йæхимæ ссардзæн уыцы хъомыс æмæ йæ ныхмæ слæудзæн президентæн, уый нæзагъд куы сфæнд кæндзæн нæ абахазаг æмæ ирон æфсымæртæн æмбæстагдзинад раттыныл, мах ацы хъуыддаджы йæ ныхмæ лæууыдыстыæм кæддæриддæр. Уыцы рæстæджы президент куы хъавыд нæзагъд ракæнын нæ раздлæры æмбæстæгтæн фыдыбæстæмæ æрыздæхыныл, мах иу йæ ныхмæ лæууыдыстæм. Ныфс мæ ис цæмæй йæхи камис адарддæр кæндзæн хæцын уый тыххæй, цæмæй не мбæстонты æрыздæхын кæнæм фыдыбæстæмæ» – расидтис Цъулукиани.