Тея Цъулукиани - Абоны 17 майы, нæ хицауад уыдис кæронмæ мобилизацигонд, цæмæй уынгтæм рахизгæ æндæр æмæ æндæр къорды æдасдзинад бахъахъхъæдтаит
Абоны 17 майы, нæ хицауад, барадхъахъъæнæг структурæтæ æмæ хицауад æнæхъæнæй, æххæстæй мобилизацигонд уыд, уынгмæ рацæуæг æндæр æмæ æндæр къордты æдадсзинад бахъахъæнын – уый фæдыл Гуырдзыстоны юстицийы министр Тея Цъулукиани райхъусын кодта.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, алчидæр уыны зæгъгæ цæмæй Тбилисы уынгты полицион цæттæдзинад ис æмæ кæрæдзийы параллелонæй цалдæр цыды саразын дæр ис гæнæн.
«Страсбургы тæрхондоны æз иргъæвын 17 майы хъуыддаг, уыцы 17 майы, «Националон Змæлд» куы уыдис хицауады æмæ адæймаджы бартæ æрцысты саст, уымæн æмæ паддзахад йеуæд не срæвдз кодта ЛГБТ уæнгты æдасдзинад. Абоны 17 майы, нæ хицауад, барадхъахъъæнæг структурæтæ æмæ хицауад æнæхъæнæй, æххæстæй мобилизацигонд уыд, уынгмæ рацæуæг æндæр æмæ æндæр къордты æдадсзинад бахъахъæнын кæд уый бахъуыдаит уæд. Стæй дыууæ къорды минæвæрттæ рахастой скуыддзæгтæ. Æнæкæсгæ уымæ, алчидæр уыны цæмæй абон Тбилисы уынгты ис полицион цæттæдзинад. Цы цыд сырæзт уый параллелонæй æндæр къорд дæр куы рацыдаит, уыцы цауы дæр алцыппæт уыдиат максималонæй рæстмæ æмæ сабырæй. Мах ацы политикæ уадзын адарддæр кæндзыстæм» – загъта Тея Цъулукиани.
Бинонты сыгъдæгдзинады хъахъъхæды бонмæ гæсгæ, Уардиты Фæзæй, Самебайы кафедралон аргъуаны æрдæм уагъд цæуы цыд, æрмæст ЛГБТ дзыллæйы минæвæрттæ райхъусын кодтой, цæмæй 17 майы акци нæ сараздзысты.