Тея Ахвледиани хъусын кæны, цæмæй Хурвалеты цæугæ фæзындты фæдыл информиргонд сты æхсæнадæмон партнертæ
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстæты паддзахадон министр Тея Ахвледианийы фидиуæнæй, зæгъгæ Хурвалеты цæугæ фæзындты фæдыл информиргонд сты æхсæнадæмон партнертæ æмæ хъуыддаджы баст у падзахадон æдасдзинады куыст.
«Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл сыххæст цыфæнды архайдыл у æнæзакъонон æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фауæм кæцыфæнды провокацион активондзинæдтæ оккупацион режимы æрдгæй. Конкретонæй ацы инциденты тыххæй информиргонд сты æхсæнадæмон партнертæ. Кæй зæгхын æй хъæуы, фæнысангонд фарстæм баиу ис паддзахадон æдасдзинады куыст, скусын кодтам тæвд хахх æмæ æмбæлгæ уагдæттæ ацы æрдгæй кусынц», – банысан кодта Тея Ахвледиани.
Хурвалеты оккупацион режимы минæвæртты æнæзаконон архайды фæдыл медийы ахæлиугонд информацийыл комментарийы рæстæджы ПÆК-ы райхъусын кодтой, цæмæй алы ахæм активондзинадæн аргъ дæттынц æхсæнадæмон партнертимæ.
«Оккупацион режимы минæвæрттæ оккупацигонд территорийыл бæрæг периодай æххæст кæнынц æнæзаконон архæйдтæ. Алкæцы активондзинадыл æхсæнадæмон партнертимæ иумæ вæййы аргълæвæрд. Алы активондзинады æмæ уымæй равзæргæ тасы фæдыл цæуы адекватон реагиркæнынад æхсæнадæмон партнерты æххуысæй», – хъусын кæнынц пæк-ы.