Теа Цъулукиани – фæнды мæ зæрдыл æрлæууын кæнон алкæмæн дæр, кæцыйы хонæм къамисы рабадтмæ, цæмæй нæ хынджылæг кæнæм, серьозонæй кæсæм фарстамæ æмæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй хуынд хицæн адæймæгтæ дæр процессмæ æркæсдзысты
Мамука Хазарадзейы ныхмæ уголовон хъуыддагы фыццаг этап фæцис æмæ уголовон хъуыдтагы мидисджын байхъуыст райдайдзæн. Æнхъæлмæ кæсдзыстæм мидисджын ныхасмæ. Тæрхонгæнæгæн уым ныридæгæн ис цалдæр æскъуыддзагы вариант, се æхсæн уголовон ивар æмæ иу азы онг ахæстоны фæбадын, – уый фæдыл комисы сæрдар Теа Цъулукиани парламенты арæзт рæстæгмæ фæдагурæн комисы рабадтыл расидтис.
Цъулукианийы ныхасмæ гæсгæ, даргъ кæны процесс, кæцымæ къамисы уæнгтæ лæмбынæгæй хъус дарынц.
Уымæй дарддæр ма, Теа Цъулукиани куыд банысан кодта, афтæмæй æнхъæлмæ кæсы, цæмæй уыцы хицæн адæймæгтæ, кæцытæм æрбахуыдтой æмбарынгæнæнтæ раттынмæ, къамисы рабадтмæ серьозонæй æркæсдзысты.
«Фæнды мæ ноджы иу хатт зæрдыл æрлæууын кæнон æппæт уыцы адæймæгты, кæцыты сессимæ æрбахонæм æмбарынгæнæнтæн, цæмæй нæ хынджылæг кæнæм, серьозонæй кæсæм ацы фарстамæ æмæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй ардæм хуынд адæймæгтæ дæр серьозонæй райсдзысты ацы процесс», – райхъусын кодта Теа Цъулукиани.