Тбилисы телеуынынадон мæсыг Израилы тырысайы  хуызтæй срухс ис
Тбилисы телеуынынадон мæсыг Израилы тырысайы хуызтæй срухс ис

Израилы айтынггонд фæзындты   фæдыл,  солидарондзинады нысанæн,  Тбилисы телеуынынадон мæсыг   Израилы паддзахадон тырысайы хуызтй  срухс ис.

«Фауæм  уыцы æбуалгъ тыхмидзинад, кæцы сабырадон  цæрджытæ бавзæрстой.  Тæфæрфæс кæнæм  фæмардуæвджыты  бинонтæн,  Израилæн  æххæстæй» дзырдæуы  Тбилисы  мэриайы  ахæлиугонд информацийы.   Афтæма  сæ  хъусинагæй,   фæнысангонд  æрвитæггæгтæй  Тбилис арсдарынæвдисы Израилы падзахадæн æмæ  израилаг адæмæн.

Тбилисы мæсыгы   Израилы  тырысайы хуызтæй срухс кæныны кой ракодта  Гуырдзыстоны, Израилы минæварад. «Бузныг  Тбилисæн æмæ Гуырдзыстонæн  фарсмæлæуды тыххæй»  фыст ис  минæварады  фарсыл.

Фæстаг бæрæггæнæнтæй, «Хамасы»  бырсты  фæстиуæгæн   Израилы   фæмардуæвджыты  нымæц  600-йæ  фылдæр у,  цæфтæ сты 2000-æй фылдæр аæдймаг, 100-йæ фылдæр  уæнг та сты скъæфт  æмæ  уацары  уæвынц.

Уыимæ, ахæлиугонд информацийæ, Газæйы секторыл  дзуаппон  авиабырстыты фæстиуæгæн   амар 370 адæймаг.