Тбилисы таксийы лицензи кæмæн ис æмæ а.х. бургъуыз микроавтобусты тæрджытæ, иухаттонæй 300 ларийы бæрц æххуыс райсдзысты
Тбилисы таксийы лицензи кæмæн ис æмæ а.х. бургъуыз микроавтобусты тæрджытæ, антикризисон пъланæй бæлвырд иухаттон 300 ларийы бæрц æххуыс райсдзысты. Уый фæдыл Тбилисы мэр Каха Каладзе райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ пандемийы периоды тынг бирæ къабаз баййæфта зиан, сæ нымæцы такситы æмæ а.х. бургъуыз микроавтобусты тæрджытæ.
«Тбилисы такси кæмæн ис, уыдонмæ баххæссдзæн антикризисон уæлбар, кæцы иухаттон 300 ларийы бæрц æххуыс дары йæ хъуыдыйы. Уый æххæссы алы уыцы таксийы тæрæгмæ, кæмæндæриддæр ис лицензи. Уыдон пайда кæндзысты ацы конкретон проектæй. Афтæдæр, ацы проектæй спайда кæндзысты микроавтобусты тæрджытæ», – загъта Каха Каладзе.