Тбилисы сывæллæтты рæвдауæндæтты ахуыры процесс сног кæныны онг, ныйарджытæн, сæ сывæллæтты хæлцадæн цы продукттæ уыдысты нымад, уыдон хæдзармæ ахæссын уыдзæн сæ бон
Тбилисы мэрийы æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты фæткдæттæг агнетады скуыддзагæй, сабидæтты ахуыры процесс сног кæныны онг, сывæллæтты ныйарджытæн, уыдзæн фадат уыцы продуктты хæдзармæ ахæссын, кæцытæ сывæллæтты хæлцадæн уыдысты нымад æмæ кæцы продукттæ тагъдсæфгæ не сты.
«Хъыгагæн нырма бирæ бинонтæн, бирæ ныййарæгæн, сывæллон рæвдауæндонмæ раттын нысаниуæгджын уыдæ æнæ æрмæст ахуырады цæстæнгасæй, фæлæ ма хæринагы æххæстаргъджын рационæй ситфонг кæныны тыххæй дæр. Ахуыры процессы æрурæд ахæм бинонтæн æмæ сывæллæттæн гæнæн ис, æндæр типы проблемæтæ сæвзæрын кæна æмæ ныййарджытæн уæлæмхас уаргъæй суа, уæлдайдæр ахæм уавæры, бирæтæн сæ æрвылбойнон æфтиагы æмæ куыст сыххæсты цæстæнгаæй бæрæг арæнæвæрдтæ куы сырæзт» – райхъусын кодта Тбилисы мэр Кахи Каладзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, продуктты пакетты ныййарджытæм лæвæрд цæудзæн 14 боны мидæг иу хатт æмæ сæ фснайды рæстæджы æххæстæй хъахъхъæд уыдзæн гигиенайы æмæ æдасдзинады нормæтæ.