Тбилисы Сакребулойы цур змæлд «Шецвале»-ы æмæ «Националон Змæлды» уæнгтæ акци аразынц
Тбилисы сакребулойы цур змæлд «Шецвале»-ы уæнгты протестон акци цæуы. Акцийы хайадисджытæ 23 январы сакребулойы æрцæугæ инцидент протест кæнынц.
Акцийы хайадисджыты куырдиатæй, се æркуырд у, æфхæрдмæ лæвæрд æрцæуæт алы уыцы депутат, кæцытæ Леван Хабеишвилийы ныхмæ физикъон тыхмидзинады истой хайад. Афтæдæр куырдтой, цæмæй фæнысангонд уæнгтæ, сæ куыст бынæттæй сæхи суæгъд кæной.
Бынатыл сты «Националон Змæлды» уæнгтæ Заал Удумашвили, Саломэ Самадашвили, Бадри Басишвили, Давит Киркитадзе, Димитри Шашкин æмæ Акаки Минашвили. Уыдон хъавынц Сакребулойы сæрдаримæ фембæлын, цæмæй Гиорги Тъхъемаладзейæ дзуаппытæ райсой.
Тбиилисы Сакребулойы ревизион комиссийы рабадтыл майрæмбоны, 24 январы быццæудзинад сырæзт, кæцы рæстæджы дæр, Тбилисы Сакребулойы уæнг, «Националон Змæлды» минæвар Леван Хабеишвили райста зиæнттæ. Сакребулойы æрцæугæ фактыл, МХМ, райдыдта фæдагуырд тугтæрхоны барады кодексы 126-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары тыхмидзинад.
Æрцæугæмæ гæсгæ, Зæронд Тбилисы пъæлицæйы уагдоны, Леван Хабеишвилийы знон рафарстой.