Сæйраг горæты сæйраг наз бæлас 12-æм декабры, 20:00 сахатыл Фыццаг Республикæйы фæзыл ссыгъдæг уыдзæн – уый фæдыл муниципалон хицауады абоны рабадтыл Тбилисы мэр, Каха Къаладзе расидтис.
Каха Къаладзе æмбæстæгты бæрæгбонон церемонимæ æрбахуыдта.
«Мах активонæй кусæм Фыццаг Республикæйы фæзыл, цы ран уыдзæн сæйраг Ногбоны бæлас æмæ «Рождествойы хъæу». Мах æппæт дæр аразæм, цæмæй уа Ног азы атмосферæ æмæ уырдæм чидæриддæр æрбацæуа, стырæй-чысылæн, уа бæрæгбоны зæрдæйы уаг. Хонæм алкæй дæр, цæмæй æрбацæуой Фыццаг Республикæйы фæзуатмæ 120 декабры, 20:20 сахатыл, цыран рухс кæндзыстæм сæйраг Ногбоны сæйраг сахары бæлас иумæ», – расидтис Каха Къаладзе.