Тбилисы рæвдауæндæтты сывæллæтты регистраци 2025-2026 ахуыры азмæ райдайдзæн 7-æм июлы
Тбилисы рæвдауæндæтты сывæллæтты регистраци 2025-2026 ахуыры азмæ райдайдзæн 7-æм июлы

Тбилисы рæвдауæндæтты 2025-2026 ахуыры азмæ сывæллæтты регистраци 7-æм июлы райдайдзæн.

Тбилисы мэр Каха Къаладзе абон сæйраг горæты хицауады рабадтыл куыд расидтис афтæмæй, регистраци уыдзæн электронон æмæ сырæздзæн æртæ этапæй – 7, 14 æмæ 21 июлы Тбилисы рæвдауæндæтты управленийы агентады веб-фарсыл.

«I этап райдайдзæн 7 июлы, 10:00 сахатыл æмæ адарддæр уыдзæн 13 июлы онг. Фыццаг этапыл регистрацигонд æрцæудзысты нысангонд къордты æвдисæг сывæллæттæ: социалон æгъдауæй æнæхъахъхъæд бинонтæй сывæллæттæ; сæрмагонд ахуырадон хъуагдзинæдтæ кæмæн ис, ахæм сывæллæттæ; сывæллæтты хæдзæртты бенефициартæ; иунæг ныййарæджы статус кæмæн ис, ахæм адæймæгты сывæллæттæ; стыр ныййарæджы статус кæмæн ис, ахæм адæймæгты сывæллæттæ; кусджытæ» – райхъусын кодта Каха Къаладзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, II этап 14-æм июлы, 10:00 сахатыл райдайдзæн æмæ 20-æм июлы онг адарддæр уыдзæн.Мэры ныхасмæ гæсгæ, ацы этап Тбилисы муниципалитеты территорийыл регистрацигонд сывæллæттæм хаудзæн.

Регистрацийы III этапмæ та цы хауы, Каха Къаладзе куыд банысан кодта афтæмæй, уый йæ зæрдыл дары иумæйаг регистраци, кæцы 21-æм июлы, 10:00 сахатыл райдайдзæн æмæ адарддæр уыдзæн цалынмæ бынæттæ байдзаг уыдзысты.

Сæйраг сахары мэры расидæнмæ гæсгæ, регистраци скæныны фадат уыдзæн алы сывæллонæн, кæцытыл 15-æм сентябрмæ дыууæ азæй къаддæр нæ сæххæст уыдзæн. Паддзахадон рæвдауæндæтты сывæллæтты регистрацийы фæдыл бæлвырд информаци уыдзæн уагдоны сайты.