Тбилисы парламенты бæстыхайы цур, «Гуырдзиаг Маршы» æмæ с «Гуырдзиаг Миссийы» уæнгты æрцахстой – [фото/видео]
Тбилисы парламенты бæстыхайы цур, «Гуырдзиаг Маршы» æмæ с «Гуырдзиаг Миссийы» уæнгты æрцахстой.
Фыццаг Къаналы журналист куыд хъусын кæны афтæмæй, акцийы уæнгтæ администрацийы бæстыхаймæ æссæуын бахъавыдсты.
«Гуырдзиаг Маршы» æмæ «Гуырдзиаг Миссийы» уæнгтæ, Гиа Коркоташвили æмæ Гурам Палавандишвилийы рафарстмæ кæй аластой уый простет кодтой.
Ахст сты акцийы дыууæ хайадисæг.
Акцийы хайадисджытæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй барадхъахъæнджыты информацийæ, фæнысангонд уæнгтæ уагдоны идентификацийы нысанæй фæхæццæ кодтой уагдæттæм.
Уыдон хъусын кæнынц, цæмæй полици «Гуырдзиаг Маршы» æмæ «Гуырдзиаг Миссийы» нейтрализаци скæнын архайынц. Акцийы хайадисджытæ домынц, ахæстты æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæнын æмæ хицауадмæ сидынц, ныууадзæт ЛГБТ уæнгтæн æххуыс кæнын.