Тбилисы наркотикон аххосагæй авд адæймаджы æрцахстой
Тбилисы наркотикон аххосагæй авд адæймаджы æрцахстой

Мидхъуыддæгты министрады Тбилисы полицийы департаменты сæйраг фæдагурæн хайады æмæ детективты (оперативон) сæйраг хайады кусджытæ, афтæ дæр Дидубе-Чугуреты æмæ Глдани-Надзаладевийы сæйраг департаментты кусджытæ наркотикон фыдракæндты аххосагæй æндæр æмæ æндæр рæстæджы уагъд оперативон мадзæлтты æмæ фæдагуырдон архайдтыты фæстиуæгæн авд адæймагы æрцахстой. Информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.
Фыдракæндтæ хæссынц 20 азы онг ахæстоны фæбадын.
Азымгондты сæрмагонд æмæ рæстæгмæ цæрæн фатерты басгæрсты фæстиуæгæн æмæ уагъд фæдагурæн эксперименты рæстæджы барадхъахъхъæнджытæ сæ амынд бынæттæй бæлвырдгæнæнæн байстой наркотиктæ «бупренорфин», «героин», «альфа-ПВП», «хус марихуанæ» æмæ наркотикон буаргъæд кæм ис, ахæм  зайæгой.
Фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 260-æм, 273-æм, 19-260-æм терцийы, 18-260-æм терцийы æмæ 265 статьятæм гæсгæ.