Тбилисы мэриа Гуырдзыстоны парламентмæ уынæры нормæты фæуæлдай кæнынæн санкциты фæкарз кæныны инциативæимæ баздæхдзæн
Тбилисы мэриа уынæры нормæты хæлды тьыххæй ивары райрæзын кæныны нысанæн æмбæлгæ закъонопроект бакуыста, кæцыйы æввахс фидæны Гуырдзыстоны парламентæн бавдисдзæн. Уый фæдыл сæйраг горæты мэр Каха Каладзе муниципалитеты хицауады рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ дзырдæй зæгъгæ уæвæг санкцитæ практиконæй æнæфæстиуæг сты æмæ закъоны хæлд маруадзынæн мадзæлтты скæнын гæнæн нæ дæттынц.
Каладзейы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, сакнциты нысан, бизнесæн разнаггад кæнын нæ фæлæ адæймаджы барты хъахъхъæд у.
«Закъонопроектмæ гæсгæйæ, акустикон уынæры бауадзинаг нормæтæ фæуæлдай кæнынæн фыццаг хатт физикъон уæнгы фæивар кæндзысты 150 ларийæ, æрмæст бридикон уæнгы цауы та 1500 ларийæ; фæнысангонд архайд рафæлхаткæныны цауы физикон уæнг фæивар удзæн 500 ларийæ; юридикон уæнг та – 5000 ларийæ. Æртыккаг æмæ уый фæстæ алы фæтксастыл, физикон уæнг фæивар уыдзæн 1000 ларийæ, юридикон уæнг та 10 000 ларийæ», – райхъусын кодта Каха Каладзе.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ закъонопроекты фæдыл нырид уыдис консультацитæ Гуырдзыстоны парламентимæ.