Тбилисы мэр, йæ бинойнагимæ иумæ, «Бери Андриайы» фонды сывæллæттæн раарфæ кодта æрцæугæ Ног азы
Ног аз нын цы стырдæр цин æмæ лæвар æрхæсдзæн, уый у сымахæй алкæйы хæрзиуæг дæр. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад æмæ амондджын сабибонтæ – ахæм ныхæстимæ Тбилисы мэр Каха Къаладзе фонд «Бери Андриайы» сывæллæттæн раарфæ кодта æрцæугæ Ног азы цытæн.
Сæйраг сахары мэр, йæ цардæмбал Ануки Арешидзеимæ иумæ фонды инфраструктурæйыл, афтæ дæр сывæллæтты реабилитацийæн адаптацигонд фæзуæттыл æрзылд æмæ сывæллæттæн ногазон лæвæрттæ балæвар кодта.
«Уазджытæн суазæг кодта фонды бындурæвæрæг Мад Тинатин. Каха Къаладзе максималон фарсылхæцындзинад ныфс бавæрдта фонд Бери Андриайæн, æмæ организацийы минæвæрттæ сæхæдæг Ануки Арешидзейы равзæрстой фонды «Хорз фæндоны» минæварæй.
Бери Андриайы фонд удуæлдайæ æххуыс кæны лейкоз æмæ фидар опухольтæй рынчын сывæллæттæн сæ хоскæнынад æмæ реабилитацийы. «Ацы рæстæгмæ хæрзаудæн организаци 42 сывæллоныл йæ хъус дары, се æхсæн оккупацигонд териториты сывæллæттæ дæр» -ис фыст Тбилисы мэрийы фидиуæны.