Тбилисы метройы фыццаг хаххыл поездты змæлд фæкъуылымпы ис
Тбилисы метройы фыццаг хаххыл поездты змæлд фæкъуылымпы ис

Тбилисы метройы фыццаг хахх фæстиуæгимæ бæлццæттæн лæггад кæны – уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн Тбилисы транспортон компанийы фехъусын кодтой.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, Тбилисы метройы фыццаг хаххыл уæвæг поезды техникон хъыгдарды аххосагæй, метрополитен Дидубейы, змæлд зонатæй уагъд цæуы.

«Поездтæ цæуынц Варкетилийы метройы станцæйæ Вокзалы фæзуатмæ, æрурæдтой бæлццæтты змæлд Вокзалы фæзуатæй Ахметелы театры онг. Бынатмæ æрцыд техникон къорд, цæмæй аипп аиуварс кæной. Тбилисы метройы Сабурталойы хахх дарддæр кæны йæ куыст куыд æмбæлы афтæ» – хъусын кæнынц транспортон компанийы.

Куыстуаты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй нырма бæрæг нæу, цас рæстæг бахъæудзæн техникон аипп аиуварс кæнынæн.