Тбилисы мериа, компанитимæ иумæ, социалонæй æнæхъахъъхæд бинонтæн хæринаг продукттæй баххуыс уыдзæн
Тбилисы мериа девелоперон компани «m2»-имæ æмæ ноджы 27 компаниимæ иумæ, социалонæй цыбыркъух бинонтæн хæринаг продуктты фæтауæрц бамбырд кодта, кæцы сæм цалдæр бонмæ æрцæудзæн лææрд.
Каха Каладзейы фидиуæнæй, сæйраг горæты мериа ахæм æххуысы акцитæ адарддæр кæндзæн æмæ баххуыс уыдзæн алы уыцы бинонтæн, кæмæндæриддæр ацы æххуыс æнæмæнгхъæугæ у.
«Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын девелоперон компни «m2»-0æн, 1000 хæдзары бинонтæн æрбаластой продукттæ, кæцыты цалдæр бонмæ байуардзыстæм. Уымæй уæлдай ма, ноджы 27 компани ис, кæцытæ райстой хайад ацы акцийы. Зæгъын хъæуы, цæмæй солидарондзинад иттæг нысаниуæгджын у. Нырид продуктты хуызæй, æртæ мины онг пакет æрымбырд ис, кæцыты иннæ бонты байуардзыстæм уыцы адæймæгтæн, кæмæндæриддæр ацы æххуыс у æнæмæнгхъæугæ, мæгуыр цард чи кæны, ахæм бинонтæн. Резервон фонды нырид мобилизацигонд у æрдæг милуан лари. Иннæ бонты дæргъы райдайдзыстæм продукеттæ æлхæнын, уымæй уæлдай ма 700-800 мин лари, кæцы ногазон хъæу саразыныл хъуамæ бахардз уыдаит, ныр эпидемиологион уавæры тыххæй ногазон хъæуы кæй нал сараздзыстæм, уый тыххæй, ацы суммæтæ бахардз уыдзысты уыцы бинонтæн æххуысыл, кæцытæн сегасдæр фылдæр хъæуы социалон æххуыс», – загъта Каха Каладзе.