Тбилисы горæтон тæрхондон – Гиоргий Ахобадзейы тæрхондон ссæрибар кодта æмбæлон стандарты æнæфаг бæлвырдгæнæнты тыххæй
Тбилисы горæтон тæрхондон – Гиоргий Ахобадзейы тæрхондон ссæрибар кодта æмбæлон стандарты æнæфаг бæлвырдгæнæнты тыххæй

Тбилисы горæтон тæрхондон Гиоргий Ахобадзейы хъуыдтагы фæдыл тæрхоны фæдыл официалон расидæн рапарахат кодта.

Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, тæрхондон Гиоргий Ахобадзейы æмбæлон стандарты æнæфаг бæлвырдгæнæнты тыххæй ссæрибар кодта.

«Тбилисы горæтон тæрхондоны уголовон хъуыдтагы къамисы тæрхонæй, Гиоргий Ахобадзе æнæаххосджынæй банымадтой æмæ йæ ныхмæ æвæрд аххосæгтæй ссæрибар ис.Хъуыдтагы æрмæгмæ гæсгæ, Гиоргий Ахобадзейы аххосджын кæнынц уæлдай стыр бæрц наркотиктæ æнæзакононæй æлхæныны æмæ дарыны аххосагæй, кæцы у нысангонд 2066-æм статьяйы Гуырдзыстоны уголовон кодексы дæлпункт «а» «Уголовон хъуыдтагы мидисджын æркæсыны фæстиуæгæн, æмбæлон стандарты фаг бæлвырдгæнæнтæ кæй нæй, уый тыххæй тæрхондон ссæрибар кодта» – ис фыст Тбилисы горæтон тæрхондоны расидæны.

Гиоргий Ахобадзе, кæцыйы стыр бæрц наркотикты балхæды æмæ дарыны аххосагæй ахст æрцыд, Тбилисы горæтон тæрхондон æнæаххосджыныл банымадта æмæ ахстæй ссæрибар ис.