Тбилисы генералон планмæ гæсгæ Тбилисы мэр Каха  Каладзе скуыддзаг абон райхъусын кæндзæн
Тбилисы генералон планмæ гæсгæ Тбилисы мэр Каха Каладзе скуыддзаг абон райхъусын кæндзæн

Тбилисы зæххæй пайдакæнынады   генералон   планмæ гæсгæ   Тбилисы мэр Каха  Каладзе  скуыддзаг абон райхъусын кæндзæн.

Скуыддзагы  расидыны размæ, Каха  Каладзе    æмæ   мэрий   минæвæрттæ  Тбилисы   сакребулойы, «Сити Институты»  минæвæрттимæ  ноджы иу  хатт фембæлдзысты.   Мадзалы  фæстæ  та  Тбиисы  мэри ауадздзæн  брифинг.

Каха Каладзейы  фидиуæнæй,    генералон  план    уыцы формæйæ,    цахæмдæр   абон у  бавдыст,   нæрайсгæ у  зæгъгæ. Тбилисы мэры дзырдæй,   документы  мидæг ис аиппытæ транспорты  æмæ  хисæрмагонд  исады æрдгæй,  афтæдæр нæу бавдыст планы сæххæсты методологи.

«Сити Институты»   директоры   фидиуæнмæ гæсгæ  та,   Тбилисы   ахæм масштабон    планыл, цахæмдæр у  зæххæй пайдакæнынады план,  фиппаинæгтæ   хъуамæ  уа,  фæлæ Мамука  Салуквадзе   ныфсджын у, уымæй  рма   аиппыты  схафынæн  Тилисы  мэрий  «Сити Инстуттимæ»  иумæ  адарддæр кæндзæн кусын.

Тбилисы сакребулойы  къаддæрдæрты   минæвары  Леван Хабеишвилийы  хъуыдымæ гæсгæ,   генералон   планы  райст, æнæмæнгхъæугæ у  хаотикон   арæзтадты   бауромынæн.  Хабеишвили  Тбилисы   мэримæ  æрсидтис, райса  зæххæй пайдакæнынады   генералон план  æмæ уый фæстæ  адарддæр уа   документы  уæвæг  аиппытыл  кусын.