Тбилисы фæндаджы 45-æм километрыл уæвæг фæндагон змæлды арæнæвæрдтæ 28-æм ноябры онг адард сты
Гуырдзыстоны инфраструктурæйы министрады фæндæгты департаменты информацийæ, æхсæнадæмон Тбилисы бацæуæн фæндаджы 45-æм километры æфсæнвæндаджы уæлæмхасæны реабилитацион куыстытæ цæугæйæ, фæндаджы ацы хайыл хæдтулгæты змæлд хайгай арæнæвæрд цæуы.
«Арæнæвæрды рæстæджы хæдтулгæты змæлд Рустави-Загесы здæхты хъæу Къаратаклийæ Тбилисы -Гачиани-Руставы æмæ Гамгарвази-Руставы националон фæндæгты уылты, уырдыгæй Гамгарвазийы хъæуы, Тбилисы æхсæнадæмон бацæуæн фæндагмæ баиу уыдзæн, змæлд та Захесы здæхты æххæстгонд цæудзæн куыстыты фыццаг этапыл рахиз фæндагæй пайда кæнгæйæ, дыгкаг этапы та галиу фæндагæй пайда кæнгæйæ.
Фæнысангонд куыстыты фæуды æмгъуыд 2025-æм азы 28-æм октябрмæ уыд снысангонд, фæлæ снысангонд æмгъуыдмæ куыстытæн баххæст нæ бантыст æмæ йæ 2025-æм азы 28-æм ноябрмæ адаргъ кæнын хъæуы» – ис фыст информацийы.