Тбилисы денджызыл, Уæртджын хæфсы æмæ Лисийы цадтыл систой доны хуызæгтæ
Тбилисы  денджызыл, Уæртджын хæфсы  æмæ Лисийы цадтыл систой  доны  хуызæгтæ

Тбилисы  денджызыл, Уæртджын хæфсы  æмæ Лисийы цадтыл,  найыны  сезонмæ гæсгæ,   æрдзы  хъахъъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады  æрдзы националон   агентады  специалисттæ  майæ  сентябры банымадæй,  уæлæуыл дæтты реглярон мониторинг æххæст кæнынц.

Æрдзы хъахъхъæды  æмæ  хъæууон   хæдзарады   министрады  информацийы  банысангонд куыд у  афтæмæй,   специалисттæ   ацы хатт  доны  пробтæ  систой Лисийы  цады æмæ   фæбæрæг кодтой доны   фондз миниуæгы.

Сисгæ пробтæ транспортацигонд сты   æрдзы националон  агентады  лабораторимæ,  цы ран   доны  химикон   æмæ микробиологион   сгæрст сæххæст уыдзæн.   Лисийы  цадыл   уагъд   асгæрсты  фæстиуджытæ   æрдзы националон   агентады  официалон   веб-фарсыл   равæрдзысты æмæ   кæцыфæнды интересджын адæймагæн  йæ  бон уыдзæн  информациимæ базонгæ кæнын.

Министрады  хъусинагæй,   Гуырдзыстоны масштабæй,   уæлæуыл  дæтты  мониторниг   ацы  этапыл 170-ы  онг  ран   цæуы æххæст.