Компани «Редикс» Тбилисы, Чъавчъавадзейы проспектыл æхсæнадæмон бренды фысымуат «Хилтон Гарден Ин» байгом ис. Байгомы мадзалыл уыдысты Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили, Тбилисы мэр Каха Каладзе æмæ бизнесы минæвæрттæ.
«Нæ сæйраг горæтмæ бафтыд ноджы иу тынг нысаниуæгджын бренды фысымуат, кæцыйы проекты аргъ у 40 милуан доллар. Бузныг мæ фæнды зæгъын Лаша Папашвилийæн æмæ йæ кордæн ахæм нысаниуæгджын инвестицийы сыххæсты тыххæй æмæ сæйраг горæтæн раарфæ кæнон, нысаниуæгджын, аив объекты бафтауын», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.
Проекты æмтгæйон аргъ у 40 милуан АИШ доллар. Фысымуаты бавдыст сты æндæр æмæ æндæр категорийы 170 уат æмæ конференцион залтæ.