Тбилисы, Чъавчъавадзейы проспектыл автомобилты змæлд 15 сентябрьмæ суыдзæн гæнæн
Тбилисы, Чъавчъавадзейы проспектыл автомобилты змæлд 15 сентябрьмæ суыдзæн гæнæн – уый фæдыл Тбилисы мэр Къаха Къаладзе социалон хызагы ахæлиугонд видео-сидты райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, реабилитацион куыстыты фыццаг этап æнæхъæнæй фæцис.
«Ныр дзурын зæххыбын коммуникациты тыххæй, ай у канализацион хызагы ифтонгад, ноджы ног хæтæлтæ, æмæ донвæндаг системæ. Абонæй райдайæм куыстыты дыккаг хай. Сырæздзæн æмæ сæрфад скæндзыстæм фæндагон инфраструктурæ. Тынг фидар проект рацæудзæн, радикалонæй хъауджы уыдзæн Чаъвчъавадзейы проспект.
Университеты фыццаг Корпусæй «Пикселы» бæстыхайы онг автомобилæй змæлд 15 сентябрæй суыдзæн гæнæн. Уый тыххæй дæр, астæу хайы уыдзæн арызт специалон инфраструктурæ æхсæнадон транспортæн, адарддæр уыдзысты зæлдфæлындæн куыстытæ дæр æмæ афæдзы кæронмæ фæуыдзыстæм», – райхъусын кодта Къаха Каладзе.