Тбилисы цæрæг социалонæй æнæфæрæз  пенсионертæн байуардзысты  500 ларийы аргъы  ваучертæ
Тбилисы цæрæг социалонæй æнæфæрæз пенсионертæн байуардзысты 500 ларийы аргъы ваучертæ

Тбилисы цæрæг  социалонæй  æнæфæрæзджын пенсионертæ  пайда  кæндзысты  500-ларийы  аргъы  ваучертæй – уый фæдыл  сæйраг горæты мэр Каха Каладзе Тбилисы   хицауады  рабадтыл райхъусын кодта.

Каха Каладзе  куыд  банысан кодта афтæмæй,   пенсионертæм уыдзæн фадат   ацы  ваучерæй  спайда кæнын бинонты дохтыры   нысангонд æндæр æмæ æндæр медликаменттæ  балхæнынæн.

«Фæнды мæ  ногдзинад банхъарын  Тбилисы цæрæг   социалонæй  æнæфæрзæджын  пенсионертæн, адон сты уыцы адæймæгтæ  кæцытæ сеппæтæй  зын бонтæ  æрвитынц æмæ сæм сеппæтæй  фылдæр  хъæуы фæкæсын. Нæ  бал  бавдыста  ног  программæ, кæцыйы æххæст кæнынмæ  рывналдзыстæм ввахс  фидæны.  500 ларийы аргъ ваучертæ, цæмæй  сæм уа  бинонты дохтыры нысангонд  æндæр æмæ æндæр мелдикаментты балхæныны  фадат,  зæрдæнизы, рысуромæг, хроникон низтæн хос æмæ æндæр  а.х.  хостæ, кæцы сты æнæмæнгхъæугæ.  Ацы ваучерæй    уыдонæн  сæ бон уыдзæн балхæнын хъæугæ  хостæ.  Ацы программæйы  сыххæст Тбилисы  бюджетæн сбаддзæнис  20 милуан  лари. 40 мин  социалонæй  æнæфæрæз   пенсионер  пайда кæндзæн программæйæ, кæцы иттæг нысаниуæгджын у» – райхъусын кодта Каха Каладзе.