Тбилисы амалхъомдзинад цух сабиты чысыл специализацигонд хæдзар байгом ис
Тбилисы Керчы уынгыл, амалхъомдзинад цух сабиты специализацигонд цысыл хæдзарон типы уат байгом ис.
Уырдæм арвитдзысты «Тбилисы ноггуырд сывæллæтты хæдзары» уæвæг бенефициарты хай. Байгомы официалон церемонийыл уыдысты æнæнизхъахъъхæды министр Э/катерине Тъикъарадзе, Гуырдзыстоны АИШ-ы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Келли Дегнан, Тбилисы мэр Каха Каладзе, паддзахадон аудындзинады æмæ трефикингы амæттæгты, зианбавзарджыты æххуысы агентады къухдариуæггæнæг Мери Магълаперидзе.
Келли дегнан куыд банысан кодта афтæмæй, уый зæгъгæ иттæг нысаниуæгджын проект у, кæцы æвдисы АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æмгуыстад.
«Ай у прокект, кæцыйæн йæ нысан у æхсæнады иуæй-иу сегасдæр æнæхъахъхъæд хай æмæ амалхъомдзинад цух сидзæр сывæллæттæн, цалынмæ æххæстдзыд кармæ бахиздзысты, хæдзарæй сæ сифтонг кæнын. Уыдонæн уыдзæн бæрзонд гъæды медицинон лæггад. Сахуыр уыдзысты, куыд бауой æхсæнады æххæстаргъджын уæнгтæ, ацы хæдзарæй куы ацæудзысты уæд. Ай у проект, кæцыйы АИШ-æ 1,2 милуан ларийæ сфинанс кодта» – райхъусын кодта Келли Дегнан.
Æнæнизхъахъхъæды министр Экатерине Тъикъарадзе куыд банысан кодта афтæмæй, фæнысангонд проект къухаразæг у сабиты, хæдзарон уавæрты хъомылкæныны æмæ сыл аудыны гъд фæхуыздæрæн.
Фæнысангонд сабион хæдзары арæзтад сæххæст ис, АИШ-ы минæварады, хъахъхъæнынады сферæйы æмгуыстады куысты, гуманитарон æххуысы программæйы фæлгæтты. Проект 1 200 000 ларийы онг ($425,000) сбаддис, æмæ АИШ-ы æфсады инженерты корпусы (USACE) фæрцы сæххæст ис.
Проекты фæлгæтты, ацы территорийыл пълангонд у ноджы дыууæ ахзæм типы бæстыхай саразын, кæцыйы фæстиуæгæн, «Тбилисы ноггуырд сывæллæтты хæдзары» деинституционализацийы процеес кæронмæ фæуыдзæн.