Тбилисы алы рæвдауæндоны ахуыр-хъомылгæнæн процессы сног кæнынмæ цæттæ сты.
Тбилисы рвæдауæндæтты фæткдар агентады информацийæ, хицауады дæлбар алы рæвдауæндоны бæстыхайы уагъд æрцыд дезинфекцион мадзæлттæ.
«Специалон тæнгъæдæй æхсад æрцыд, куыд ахуыргæнæн уаттæ, афтæдæр къахæвæрæнтæ, къухнæтæ æвæрæнтæ æмæ гом къæлидлортæ.
Тбилисы рæвдауæндæтты зымæджы улæфтытæ фæцис æмæ ахуыры процесс 21 январы сног удызæн» – банысангонд у рæвдауæндæтты фæткдар агентады фидиуæны.
Гриппы вирусы тыххæй, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты, зымæджы улæфтытæ адарддæр кодтой. Ахуыры процесс сом сног уыдзæн.