Тбилисы æрцæугæ трагедийы тыххæй, 17 январь маройы бонæй расидтæуыд
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзейы уынаффæйæ, Тбилисы, æрдзон газы рахъарыны фæстиуæгæн цы трагедий æрцыдис уый тыхæй, 17 январь маройы бонæй расидтис.
Æмбæлон барамындыл хицауады сæргълæууæг йæ къух цъус рæстæг размæ æрывæрдта. Барамындмæ гæсгæйæ, саударæн боны тыххæй, Гуырдзыстоны территорийыл алы админстрацион бæстыхайыл, æмæ фæсарæнты Гуырдзыстоны дипломативон минæварадтыл паддзахадон тырысатæ бынмæ æруадздзысты.
Стынды фæстиуæгæн цыппар адæймаг фæмард æмæ фæцæф авд адæймаг.